Нартский эпос

Разделы: Администрирование школы, Краеведение


Викторинæ

1. Чи уыд Нарты фыдæл? (Сæуæссæ)
2. Цавæр æвзагыл дзырдта зæрватыкк Нартимæ? Чи йæ æмбæрста? (хатиагау, Батрадз, Сатана дæр)
3. Куыд хуынд нарты тыхæвзарæн фæз (майрæмбон, æрæмбырд-иу сты Зилахары).
4. Кæд фæзынд ирон театр? (1935азы)
5.Чи фылдæр арфæтæ ранымайдзæн?

* * *

1. Цал фырты уыд Сæуæссæйæн? (3 - Борæ - болатгуырд, Дзылæу - цæхæрцæст æмæ Болатбæрзæй)
2. Цæмæй æрцыд Сосланы мæлæт? (Балсæджы цалхæй)
3. Нарты кадджыты «Нарты фыдбылыз» кæй хонынц? (Сырдон)
4. Куыд æмбарут термин этикет?
5. Цавæр ирон адæмон хъæзтытæ зонут? (лæппутæ - хъæбысæй хæцын, хъулæй, гудлайæ); чызджытæ - тыччи уилын ,челайæ, хи конд къæцæлын æмæ нымæтын чындзытæй хъазт.

* * *

1. Кæд уыд нарты хæцæн æмæ кувæн бон? (майрæмбон)
2. Чи уыд Æхсар æмæ Æхсæртæджы фыд? (Уæрхæг)
3. Куыд баст у ирон аивад Сырдонимæ?
4. Радзурут Ирыстоны символикæйы тыххæй?
5. Ранымайут адæмон сфæлдыстады жанртæ?

* * *

1. Куыд фæзынд бæгæны?
2. Нарты кадджыты Æхсæртæггатæй кæй зонут? (Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз, Сатана)
3. Чи у Донбеттыр? (денджызты æмæ фурдты бардуаг)
4. Цавæр ирон хæринæгтæ зонут?
5. Ирон адæмы хуыздæр æгъдæуттæй иу уыди зиу. Цавæр нысан ын уыд æмæ йæ ахадындзинад хæххон адæмы царды?

* * *

1. Нарты кадджыты уæларвон Уастырджи æмæ Донбеттыры чызг Дзерассæйы чызг чи у? (Сатана)
2. Куыд фесæфтысты Нартæ?
3. Чи уыд Нартæн сæ тæккæ хъаруджындæр? (Батрадз)
4. Цы у Æтхурон? (Ногбоны гуыдын. Скæнынц æй, цæмæй сæ къонайы арт æмæ хуры иудзинад фидар уа)
5. Аивады хъуыстгонд архайджыты - не мбæстæгты нæмттæ ранымайут.

* * *

1. Нарты кадджыты Батрадзы куы амардтой, уæд ыл Хуыцау æртæ цæссыджы æрæппæрста. Кæм æрхаудтой уым фестад кувæндæттæ. Цавæртæ, кæм сты? (Таранджелос - Тырсыгомы, Мыкалгабыртæ - Уæлладжыры, Реком - Цъæйы
2. Цы хуынд Нарты Ацæйы кæстæр фырт. Цæмæй зындгонд у? (Ацæмаз)
3. Ранымайут нарты кадджыты сæйраг циклтæ?
4. Цавæр ирон бæрæгбæттæ зонут?
5. Нæ рагфыдæлты уынаффæгæнæн бынат цы хуынд? (Ныхас)

* * *

1. Ахæццæ кæнут кæронмæ: «Нарт нарт уæд уыдысты…»
2. Цæй фæдыл у сæ симд Нартæн кадæг «Нарты симды»? (Акула рæсугъд)
3. Цы сты Нарты царды символтæ (кард æмæ фæндыр)
4. Кæй зонут ирон композитортæй? (Галаты Барис, Плиты Харитон, А.Макоев, Хаханты Дудар, Т.Кокойты…)
5. Куыд арæзт уыд ирон хæдзары къона?

* * *

1. Кæй хæрæфырт у Батрадз? (Донбеттыртæй равзæргæ мыггаг Быценты хæрæфырт)
2. Чи ст ы дæллаг Нартæ? (Борæтæ, Уæллаг - Алæгатæ, Астæуккаг - Æхсæртæггатæ)
3. Чи уыд Санаты Сем? (райгуырд 250 азы размæ Захъагомы 3 мæйы йыл куы рацыд, уæд дзурын райдыдта. уыд зонаг, цы дзырдта, уыдон цыдысты.
4. «Тымбыл хъæды дзуар» - сылгоймæгтæ афтæ цавæр кувæндон хонынц æмæ радзурут йемæ баст таурæгъ.
5. Цавæр нысан уыд Сафайы рæхысæн. Сафайы рæхысимæ баст æгъдæуттæй цавæртæ зонут? (артдзæсты, къонайы, рæхысы, бинонты царды зæд)

* * *

1. Нарты кадджыты иртасджытæй кæй зонут? (Миллер, Дюмезиль, Васо)

2. Нарты кадджыты зындгонд кадæггæнджытæй кæй зонут? (Сланты Гаха, Дзусаты Рæмон, Саулаты Дзæрæх, Гуыриаты Вано)

3. Кæд райдыдтой æвзæрын Нарты кадджытæ? (7-4 век до н.э.)

* * *

1. Чи уыд Нарты фыдæл?
Дзуапп: (Сæуæссæ)
2. Куыд хуынд нарты тыхæвзарæн фæз?
Дзуапп: ( майрæмбон, æрæмбырд-иу сты Зилахары)
3. Нарты кадджыты «Нарты фыдбылыз» кæй хонынц?
Дзуапп: (Сырдон)
4. Чи у Донбеттыр?
Дзуапп: (денджызты æмæ фурдты бардуаг)
5. Нарты кадджыты уæларвон Уастырджи æмæ Донбеттыры чызг Дзерассæйы чызг чи у?
Дзуапп: (Сатана)
6. Чи уыд Нартæн сæ тæккæ хъаруджындæр?
Дзуапп: (Батрадз)
7. Цы хуынд Нарты Ацæйы кæстæр фырт. Цæмæй зындгонд у?
Дзуапп: (Ацæмаз)
8. Нæ рагфыдæлты уынаффæгæнæн бынат цы хуынд?
Дзуапп: (Ныхас)
9. Нарты кадджыты иртасджытæй кæй зонут?
Дзуапп: (Миллер, Дюмезиль, Васо)
10. Нарты кадджыты зындгонд кадæггæнджытæй кæй зонут?
Дзуапп: (Сланты Гаха, Дзусаты Рæмон, Саулаты Дзæрæх, Гуыриаты Вано)